НАРТЫ КАДДЖЫТÆ
Сосланы Райгуырд Æмæ Йæ Байсæрын
Иу бон Нарты Сатана стыр доны былыл гæрзтæ 'хсадта, йæ уæлæ цыбыр куырæт, афтæмæй. Донæн иннæ фарс та йæ фосы дзуг хызта иу фийау. Сатана уый бæрц рæсугъд уыди, уый бæрц урс уыди йæ буар, æмæ йæ фийау куы ауыдта, уæд æм йæ зæрдæ бахъазыдис, дурыл йæхи æруагъта æмæ фехсинаг ис. Сатана уый фæхъуыды кодта æмæ йын йæ бонтæ нымайын байдыдта.
Йæ афон куы 'рцыди, уæд Сатана Нарты лæппутæй иу къорды йемæ акодта æмæ сæ уыцы дур халыныл сифтыгъта. Дурæн йæ хуылфмæ куы бахæстæг сты, уæд Сатана лæппуты рарвыста, йæхæдæг дуры хуылф бакъæртт кодта æмæ дзы лæппу райста. Рахаста Сатана лæппуйы æмæ йæ байдыдта хъомыл кæнын, ном та йыл сæвæрдта Сослан.
Сослан куы фæдынджыр ис, уæд иуахæмы дзуры Сатанамæ:
— Мæнæн кæй хæрын кæнут, уый иу куыдзæн хæрын кæнут, æмæ ма уын уый уæ къæсæр уæддæр хъахъæндзæн.
Нæ бамбæрста Сатана Сосланы ныхас. Цас рацыдаид, чи зоны, фæлæ та йын ноджы дыккаг хатт зæгъы Сослан:
— Мæнæн кæй дæдтут, уый иу куыдзæн дæдтут, æмæ уын уæ къæсæр хъахъæна!
— Цæмæн афтæ зæгъыс?— фæрсы йæ Сатана.
— Æз адæймагæн не сбæздзынæн,— загъта Сослан,— бирæгъы 'хсыры мæ Куырдалæгонæн куы нæ байсæрын кæнат, уæд.
Фервыста Сатана Куырдалæгонмæ. Нарт æмхæрд, æмнуæзт уыдысты дауджытимæ,— æрцыдис Куырдалæгон Сатанайы хуындмæ.
— Афтæ æмæ афтæ, Сосланы байсæрын хъæуы бирæгъы 'хсыры,— затъта йын Сатана.
Райдыдта аразын кæнын Сосланæн йе 'мдæргъ æмæ йе 'муæрх бæлæгъ Куырдалæгон.
Нарты фыдбылыз Гæтæджы фырт Сырдон хъуыддаг бамбæрста, æруайы бæлæгъаразæджы рæзты æмæ дзуры:
— Уе 'гæр калат, Нарты адæм, ныр бæлæгъ кæмæн аразы, уый зоны, афтæмæй йæ цыппар æнгуылдзы даргъдæр кæны!
Бæлæгъаразæг дæр фæдзæгъæл ис æмæ бæлæгъ цыппар æнгуылдзы цыбырдæр фæкодта.
— Ныр сæрын хъæуы лæппуйы,— загъта Куырдалæгон Сатанайæн,— æмæ сæдæ голладжы тулдз æвзалы æмæ сæдæ гæбæты бирæгъы 'хсыр сцæттæ кæн.
Тулдз æвзалы уайтагъддæр сæдæ голладжы æрцæттæ кæнын кодта Сатана, фæлæ бирæгъы 'хсырæн амал нæ ары. Куы ницы амал ын ардта, уæд Уырызмæгмæ дзуры:
— Сæдæ гæбæты дзаг мын бирæгъы 'хсыр самал кæн!
— Æмæ цы 'гъдауæй самал кæнон?— фæрсы йæ Уырызмæг.
— Цы 'гъдауæй, уый дын мæхæдæг зæгъдзынæн,— загъта Сатана.
— Зæгъ мын æй уæдæ.
— Авд фæндаджы астæу мусонг скæн. Æз дæм уырдæм æрвитдзынæн адæмы, æмæ дæм кæйдæриддæр æрвитон, стæй дæм æнæ уый дæр чидæриддæр æмæ цыдæриддæр æфта, уыдон-иу дзæбæх бахынц æмæ сын-иу зæгъ бирæгъы 'хсыр мæ хъæуы, зæгъгæ.
Ацыди Уырызмæг æмæ авд фæндаджы астæу йæхицæн мусонг скодта. Сатана йæм уырдæм æрвитын байдыдта алы хæринаджы дзæбæх. Чи-иу æм бафтыд, уыдоны-иу хорз федта, фæлæ-иу афтæ кæмæн загъта, бирæгъы 'хсыр мæ хъæуы, зæгъгæ, уый та-иу фæджихау ис æмæ-иу йæхи нымæры загъта, Уырызмæг сæрра ис, зæгъгæ.
Бады Уырызмæг авд фæндаджы астæу мусонджы, йæ къухы ницы 'фты. Уæд иу бон йæ рæзты æрбауадис Силæм сыдæй мæлгæ. Уырызмæг куыдзмæ фæдзырдта æмæ йæ хорз федта.
— Ам цы архайыс?— фæрсы йæ куыдз.
— Бирæгъы 'хсыр мæ хъæуы,— дзуапп ын радта Уырызмæг,— æмæ уый тыххæй ам бадын.
— Иннабонæй мæ иннабонмæ хорз схæсс, цы хæринагæй мæ фæнда, ахæм хæринагæй, æмæ дын æз самал кæндзынæн бирæгъы 'хсыр,— загъта куыдз.
— Хорз,— загъта Уырызмæг æмæ 'рвитын байдыдта Сатанамæ, куыдз дзы цы хæринæгтæ агуырдта, ахæм хæринæгтæм.
«Гъе ныр сæмбæлдтæн, кæй агуырдтон, ууыл», загъта йæхицæн Сатана æмæ 'рвыста куыдзæн, цы хæринæгтæ агуырдта, уыдон. Иннабонæй-иннабонмæ хорз схаста куыдзы Уырызмæг, стæй йын куыдз загъта:
— Гъе ныр фидар кæрт сби.
Уырызмæг фидар кæрт сбыдта. Куыдз хъæдмæ фæцыди æмæ гадза бирæгъты бæлттæ 'ртардта уыцы кæртмæ, байдзаг æй кодта бирæгъæй.
— Дуцгæ, Уырызмæг, ныр!— дзуры йæм куыдз.
— Æмæ куыд дуцон,— загъта Уырызмæг,— куы мæ аргæвддзысты бирæгътæ!
Уæд Силæм бацыди, иу бирæгъæн йæ бæрзæйыл ныххæцыд æмæ йæ раласта æттæмæ, Уырызмæгмæ. Уырызмæг — Æфсати, дæ бар сты сырдтæ иууылдæр, хохæй, быдырæй. Хъахъæныс сæ ды бæрзондæй æмæ сæм нæ уадзыс хæстæг бацæуын зæххон адæмы.
Сафа дæр Сосланы фарс фæлæууыд æмæ дзуры Æфсатимæ:
— Дæ фос кæмтты дзæгъæлы куы сæфынц, уæд сæ цы хæлæг кæныс адæмæн?Чъынды ма у, Æфсати, бахай кæн адæмæн дæ фосæй, уыцы дзæбæхдзинад дын нæ баззайдзæнис рохуаты.
— Хорз,— загъта сырдты хицау Æфсати,— бахай кæндзынæн æз Нартæн мæ фосæй, фæлæ бынтон лæвар нæ: цуанон-иу цуаны куы цæуа, уæд-иу рахæссæд йемæ æртæ чъирийы æмæ-иу сæ æфцæгыл мæ ном ссарæд. Стæй-иу Сау хохы сырд куы амара, уæд-иу ын йæ рахиз скуы радтæд, фыццаг ыл чи сæмбæла, уымæн — æмбæлæггаг.
Банызта Сосланы цæрæнбоны тыххæй гаджидау фысвосы хицау Фæлвæра дæр æмæ загъта:
— Цæмæй цъæх бирæгътæ дæ фосæй къаддæр давой, уый тыххæй дын, Нарты Сослан, æз бацамондзынæн арфæтæ; дæ фосмæ-иу дын сæрвæты бирæгътæ куы фæлæбурой, уæд-иу ды уыцы арфæтæ зæгъ, уый йеттæмæ æз сæ уæлхъус фестдзынæн æмæ дын дзы иу дæр нæ бауадздзынæн ахæссын.
Банызта дынджыр дзæбидыры сыкъа Сосланы цæрæнбоны тыххæй æрвнæрынгæнæг Уацилла дæр.
Арфæ йын ракодта Сослан дæр, нæртон æгъдаумæ гæсгæ, æмæ загъта:
— Абон æз дæуæй, æрвнæрынгæнæг, заххон адæмæн иу хæрзиуæг курын: фехъуыстон æз, дæ дзыппы кæй ис хоры нæмгуытæ; ма сæ бахæлæг кæн зæххыл цæрæг адæмæн — стыр бузныг дæ уыдзысты.
— Хорз,— загъта Уацилла,— æз радтдзынæн ацы хоры нæмгуытæй Нартæн. Уалдзæджы, куыддæр зæхх стæфса, афтæ-иу сæ хуссарварсы байтауæнт, æмæ сæ афæдзæй-афæдзмæ хæрынæн цы хъæуы, уый сын дзы 'рзайдзæнис хор.
Райста дзаг дзæбидыры сыкъа Сосланы цæрæнбоны тыххæй уæларв Куырдалæгон дæр.
Уымæ дæр Сафа бадзырдта, Сосланæн дзы хæрзиуæг радомдта:
— Гъы, Куырдалæгон,— загъта Сафа,— ды æдзухæй дæр кæрдтæ аразыс, кæнæ сæрыс болат адæмы. Бонизæрмæ хойыс дæ куырдадзы хъæстарæг æмæ нæ нæ уадзыс нæ цæстытæ цъынд кæнын.
— Бамбæрстон, зондджын Сафа,— загъта Куырдалæгон,— цæмæ æрхуыдтай ды мах, уый: зæххон адæмæн нæ хорздзинæдтæ курыс. Хорз, фæуæд! Сараздзынæн æз Нартæн дзыбыр мæ куырдадзы, æмæ уымæй уалдзæджы сæ хуымтæ кæндзысты.
Арфæ йын ракодта Сослан дæр æмæ загъта:
— Йе, Куырдалæгон, æрвон куырд, дæ номыл мах адджын бæгæны 'хсиддзыстæм æмæ дын уымæй уалдзæджы нæ хуымты дæ ном ардзыстæм!
— Цæй-ма, ды дæр, тызмæг Галæгон, ма уадз Нартыл дæ тымыгътæ, дæ уадтæ,
— дзуры Сослан дымгæйы бардуаг Галæгонмæ.
— Бирæ агурыс, Нæртон гуырд,— загъта тызмæг Галæгон.— Дзырд дын куы радтон, уæддæр йæ сæххæстмæ æнхъæлмæ ма кæс. Фæлæ дын уый зæгъын æз дæр, æмæ-иу фæззæджы уæ хоры кæритæ куы сыгъдæг кæнат, уæдиу æз дымгæ арвитдзынæн, æмæ-иу уый уайтагъд хоры нæмгуытæ фæхицæн кæндзæни зыгуым æмæ цъацъайæ.
— Бузныг, Галæгон,— загъта йын Сослан,— фæлæ дын дзырд дæдтын æз дæр, Нæртон дзырд, нæ кæритæн-иу сæ фæстаг фийаг дæуæн кæй радтдзыстæм, ууыл.
Фæстагмæ Сосланы цæрæнбоны тыххæй гаджидау банызта дæтты бардуаг Донбеттыр. Уымæн дæр та, æгъдаумæ гæсгæ, Нарты Сослан арфæ ракодта æмæ загъта:
— Доны бардуаг Донбеттыр, зонæм æй, дæттæ иууылдæр дæ бар сты. Бирæ тых дæм ис, æмæ дæуæй дæр Нарты адæмæн курын исты хæрзиуæг.
— Нæртон гуырд,— дзуапп ын радта Донбеттыр,— мæ дæттыл-иу саразут куырæйттæ. Æз бафæдзæхсдзынæн мæ чызджытæн, цæмæй сын доны мидæг сæ цæлхытæ æнæ 'рынцойæ рæвдз зилой. Мæнæй та уый фæуæд Нарты адæмæн лæвар.
Арфæ ракодта Сафа йæ уазджытæн сæ лæвæртты тыххæй æмæ сæ рафæндараст кодта сæхимæ.